![](https://cdn-st4.smotrim.ru/vh/pictures/xw/507/642/7.jpg)
Вести. Аланийы хабæрттæ Ирон театр рамбылдта хæрзаудæн фонд "Аивад, наукæ æмæ спорт"-ы грант
3 июля 2024, 11:35
Цы нæ зыны, уый фенын æмæ бамбарын. Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр рамбылдта хæрзаудæн фонд "Аивад, наукæ æмæ спорт"-ы грант. Афтæ фехъусын кодта театры пресс-службæ. Уыцы фæрæзты фæрцы куырм адæмæн уыдзæнис гæнæн иннæтимæ театры спектакльтæм цæуынмæ. Сæрмагонд ифтонгарзы фæрцы сын дзурдзысты декорациты æмæ суанг артистты костюмты тыххæй.