![](https://cdn-st3.smotrim.ru/vh/pictures/xw/507/881/4.jpg)
Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн гарнизоны специалисттæ ахуыртæ скодтой бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуы
4 июля 2024, 11:53
Дзæуджыхъæуы зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн гарнизоны специалисттæ ахуыртæ скодтой бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуы. Зынгсирвæзтыты рæстæг специалистты раст æмæ ахадгæ архайдæй аразгæ у адæмы цард. Бирæуæладзыгон хæдзæртты зынгсирвæзт ахуыссын кæныны процессы ис бирæ фæзилæнтæ. Хъæуы дзы бæрнондзинад. Хæдзар бæрзонд кæй у, уый, фатерты пълан, коммуникацитæ, электрон тыхдæттæг кусæнгæрзтæ, артаг, хæтæлтæ, хæдзары дзаумæттæ.