Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды депутаттæм кандидаттæ бахæссыны фарстатыл æрдзырдтой парти "Новые люди"-йы конференцийы

15 июля 2024, 11:42

Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды 8-æм æмбырды депутаттæм кандидаттæ бахæссыны фарстатыл æрдзырдтой парти "Новые люди"-йы регионалон хайады фыццаг конференцийы. Форумы куысты архайдтой Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисы минæвæрттæ. Партийы номæй курдиæттæ балæвæрдтой 12 кандидаты. Конференцийы фæлгæты сфидар кодтой къамисы хыгъд, секретарь, сбæлвырд кодтой эмблемæ æмæ партийы мыхуыр. Снысан кодтой æвзарæн иугонды æххæстбарджын минæварады æмæ финансон фарстатæн дзуапп чи дæтдзæн, ахæм адæймаджы.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация