Вести. Аланийы хабæрттæ "Мæздæггаг кæсгæтты æнусон традицитæ" – ахæм сæргондимæ форум арæзт æрцыд Мæздæджы
26 сентября 2024, 15:56
"Мæздæггаг кæсгæтты æнусон традицитæ" – ахæм сæргондимæ форум арæзт æрцыд Мæздæджы. Æрвылазон мадзалы архайдтой Стъараполы крайæ, Кæсæг-Балхъарæй, Хъæрæсе-Черкесийæ æмæ Адыгейæ уазджытæ. Районы культурæйы Галуаны фойейы равæрдтой кæсгæтты рагон царды уагыл дзурæг кусæнгæрзты равдыст. Уæлахизы парчы сарæзтой бæрæгбоны концерт, архайдтой дзы Мæздæджы æмæ Кæсæг-Балхъары сфæлдыстадон къордтæ.