Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы йæ куыст фæци 3-аг Медиафорум "PRO Кавказ"-æн
15 ноября 2024, 10:43
Дзæуджыхъæуы йæ куыст фæци 3-аг Медиафорум "PRO Кавказ"-æн. Цыди дыууæ боны. Эксперттæ, журналисттæ, телеамонджытæ форумы дыккаг бон бабæрæг кодтой Беслæн, æмæ æрымысыдысты 2004-æм азы теракты амæттыгты рухс нæмттæ. Уыдысты скъолайы спортивон залы. Сæвæрдтой дидинджытæ, террористтæ амынæтты кæм дардтой, уыцы хъыггæнæн бынаты.