Вести. Аланийы хабæрттæ Горæтгæрон районы ацыдысты ведомствæты хсæн антитеррористон ахуыртæ
16 ноября 2024, 13:09
Горæтгæрон районы ацыдысты ведомствæты хсæн антитеррористон ахуыртæ. Сценаримæ гæсгæ, профилактикон мадзæлтты рæстæг, тыхы структурæтæ ссардтой 5 адæймагæй террористон къорд. Фыдгæнджытæ сæрмагонд службæйы дæлхайæдты уæнгтæн радтой ныхкъуырд æмæ бацархайдтой хъæды уылты ацæуыныл. Тыхы структурæты æмархайды фæрцы фыдгæнджытæ куынæггонд æрцыдысты.