Вести. Аланийы хабæрттæ Абон у телеуынынады Æппæтдунеон бон
21 ноября 2024, 10:27
Абон у телеуынынады Æппæтдунеон бон. 21-æм ноябрь хуымæтæджы нæ равзæрстой. Уыцы бон 1996-æм азы Иугонд Нациты организаци сарæзта фыццаг дунеон телеуынынадон форум. Йæ секретарь куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй телеуынынадæн ис стыр ахадындзинад æгас дунейы сабырдзинад тауыны хъуыддаджы. Цæгат Ирыстоны кусынц цалдæр телекомпанийы. Уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи аудитори.