
Вести. Аланийы хабæрттæ Мæздæджы районы паддзахадон оргæнты кусджытæ се вæрæн бахастой, Уæрæсейаг æхæснад "Знание" цы мадзæлттæ аразы, уыдонмæ
15 марта 2025, 10:13
Мæздæджы районы паддзахадон оргæнты кусджытæ се вæрæн бахастой, Уæрæсейаг æхæснад "Знание" цы мадзæлттæ аразы, уыдонмæ. Федералон рухстауæн проектмæ гæсгæ арæзт æрцыдысты лекцитæ, сæрмагондæй фæллойы æмæ социалон рæзты Министрады кусджытæн. Мадзал уыд Мæздæджы, æмæ сси егъау рухстауæн куысты иу хай. Афтæмæй фылдæр кæнынц паддзахадон кусджыты зонындзинæдтæ историйæ, культурæйæ, экономикæйæ æмæ геополитикæйæ. Лектор уыд Æрыдоны районы ахуырады департаменты разамонæг Багаты Ибрагим.