
Вести. Аланийы хабæрттæ Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Уæрæсейы боксы Федерацийы генералон секреатры хæдивæг Сергей Игнатьевимæ
12 апреля 2025, 10:19
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд Уæрæсейы боксы Федерацийы генералон секреатры хæдивæг, спортивон ахуырадон проект "Бокс – скъолатæм"-ы разамонæг Сергей Игнатьевимæ. Уый ацы бонты ис Дзæуджыхъæуы. Фембæлды ма архайдтой ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ, физкультурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур, стæй боксы Федерацийы президент Дзгойты Константин.