
Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы федералон проект "СВОй бизнес" сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн
19 апреля 2025, 09:42
Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы федералон проект "СВОй бизнес" сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн. Базонгæ сæ кæнынц амалхъомдзинады бындуртимæ, цæмæй сæ бон уа хи хъуыддаг байгом кæнын. Республикæ ис, ацы проект царды кæм уадзынц, бæстæйы уыцы фыццаг регионты хыгъды.