
Вести. Аланийы хабæрттæ Стыр Уæлахизы 80 азы кадæн парти "Иугонд Уæрæсе"-йы æхсæнадон æххуысы штабы уыд патриотон акци
24 апреля 2025, 10:27
Стыр Уæлахизы 80 азы кадæн парти "Иугонд Уæрæсе"-йы æхсæнадон æххуысы штабы уыд патриотон акци. Мадзалы архайдтой 40-æм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ. Дзæуджыхъæуы уæлæмхасæн ахуырады центры структурон дæлхайæдты педагогтæ рæзгæ фæлтæрæн равдыстой акъоппы цырæгътæ æмæ Георгийы лентытæ кæнын куыд хъæуы, уый, радзырдтой сын, центры сфæлдыстадон къорды куысты тыххæй.