Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 23.10.2024
23 октября 2024, 09:00
Физикон-техникон факультеты ахуыргæндтæ бакуыстой электрон микроскопыл. Æрхъуыдыдзинады фæрцы бæлвырддæр информаци райсæн уыдзæн цыфæнды объекты тыххæй дæр. Республикæйы пысылмæтты управленийыл сæххæст 30 азы. Уый кадæн Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты бæрæгбоны мадзæлттæ. Æрбахуыдтой йæм 200 адæймагæй фылдæр. Хæлардзинады æнгом бастдзинад æмæ музыкæмæ уарзондзинад. Æлбегаты Аннæ æмæ Хуадонты Лали систы Андрей Малаховы программæ "Песни от всей души"-йы архайджытæ.