Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы кусын райдыдта фыццаг муниципалон разамынддæттæг компани “Домоуправление”
1 ноября 2024, 10:38
Дзæуджыхъæуы кусын райдыдта фыццаг муниципалон разамынддæттæг компани “Домоуправление”. Ныртæккæ лæггкад кæны 432 бирæфатерон хæдзарæн. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ бæстыхæйтты инженерон-техникон уавæр 80 проценты бæрц ис æвзæр уавæры. 4 мæймæ уал баивтой 35 хæдзары кусæнгæрзтæ. Аварион бригадтæ та кусынц карздæр фæткмæ гæсгæ. Хъайтмазты Дзерассæ радзурдзæн бæлвырддæр.