Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны амалхъомдзинады рæзтыл æрныхас кодтой Хицауады хæдзары
15 января 2025, 11:14
Цæгат Ирыстоны амалхъомдзинады рæзтыл æрныхас кодтой Хицауады хæдзары. Стыр æргом аздæхтой паддзахадон æххуысмæ. Афтæ экономикон рæзты министрад ацы аз архайы, федералон проект "Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинад" царды уадзыныл. Хаст æрцыд национ проект "Ахадгæ æмæ ерысхъом экономикæмæ". Центр "Мой бизнес"-æн радих кæндзысты субсиди 19 милуан сомы онг.