Вести. Аланийы хабæрттæ Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы кæронмæ æрхæццæ сты цалцæггæнæн куыстытæ
15 января 2025, 11:16
Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы кæронмæ æрхæццæ сты цалцæггæнæн куыстытæ. Ныффидар кодтой æмæ базылдысты, иумæйаг кæртмæ чи цæуы, уыцы бæстыхайы æддаг бакаст. Ахæм фадат фæзынд, национ проект "Культурæ"-йы фæрцы. Афтæмæй æххæстгонд цæуы федералон проект "Культурон тыгъдад". Специалисттæ базылдысты мидæггаг кæрты территоримæ.