Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 25.01.2025
25 января 2025, 09:00
Ацы аз Дзæуджыхъæуы сцалцæг кæндзысты сывæллæтты æртæ поликлиникæйы. Ацы хъуыддаг къухы бафтыд ног национ программæ "Дæргъвæтин æмæ активон цард"-мæ гæсгæ. Дзæуджыхъæуы 34 бирæуæладзыгон хæдзары баивдзысты 102 лифты. Уыдонæй ныридæгæн æрбаластой 30-æй фылдæр. Иууылдæр æххæст кæнынц нырыккон техникон домæнтæ. Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы зымæгон цæхæрадон ногæй гом æрцыд аивадуарзджытæн. Музейы бæстыхай у нæ горæты фидауц, æмæ архитектурæйы цыртдзæвæн.