Вести. Аланийы хабæрттæ Хæзныдоны цæрджытæ тыхсынц, хъæумæ хæстæг бырондон кæй ис, уымæй
30 января 2025, 10:32
Хæзныдоны цæрджытæ тыхсынц, хъæумæ хæстæг бырондон кæй ис, уымæй. Сæвзæрд 20 азы онг размæ, районы полигон рекультивацигонд куы æрцыд, уый фæстæ. Бирæ азты ардæм ластой æрмæст арæзтадон бырæттæ нæ, фæлæ æндæр хауæццæгтæ дæр. Бирæ хæттыты-иу бырондоны сæвзæрд зынгсирвæзтытæ дæр.