Вести. Аланийы хабæрттæ Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы аз кадджын уавæры байгом кодтой Мæздæджы
6 февраля 2025, 10:41
Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы аз кадджын уавæры байгом кодтой Мæздæджы. Архайдтой дзы районы скъоладзаутæ, горæты цæрджытæ, хæстон цауты ветерантæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Стыр экраныл равдыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы документалон кадртæ.