
Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы 2025-æм азы сцалцæг кæндзысты 18 æхсæнадон зонæйы
19 февраля 2025, 10:43
Дзæуджыхъæуы 2025-æм азы сцалцæг кæндзысты 18 æхсæнадон зонæйы. Сæрмагонд æргом аздахдзысты Терчыбыл аив кæнынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны мэрийы пресс-службæ. Терчыбыл хъуамæ суа иумæйаг фæлладуадзæн территори. Тезгъогæнæн зонæ сцалцæг кæндзысты 6 бынаты. Кæмæ ма базилдзысты, уыцы иннæ æхсæнадон территоритæ сты горæты алы районты.