
Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 19.02.2025
19 февраля 2025, 09:00
Машинæты хидты уавæрыл æмæ доны былгæрæттæ фидар кæныны фарстатыл ныхас цыди Сергей Меняйло разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды. Уавæр домы æвæстиаты бакуыст. Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы ахуырдзаутæ æнтыстджынæй архайынц робототехникæйы сфæлдыстадон иугонды. Æрхъуыды кодтой цымыдисаг кусæнгарз. Цавæр, уый тыххæй базондзыстыт нæ программæйы æрмæгæй. Цæгат Ирыстоны командæ ушуйæ архайдта Хуссар федералон зылды чемпионаты. Не мзæххонтæ баххæст кодтой сæ хæрзиуджыты къæбиц.