
Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы кубок рамбулыны ерысты республикон къæпхæн волейболæй чызджыты æмæ лæппуты хсæн райдыдта Дзæуджыхъæуы
19 февраля 2025, 10:44
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы кубок рамбулыны ерысты республикон къæпхæн волейболæй чызджыты æмæ лæппуты хсæн райдыдта Дзæуджыхъæуы спортивон цæттæдзинады центры. Архайынц дзы 20 командæйы республикæйы алы скъолатæй, 8 командæйы районтæй æмæ фæйнæ иу командæйы горæты Рахизфарсы æмæ Галиуфарсы префектурæтæй.