
Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны командæ ушуйæ рамбылдта 106 хæрзиуæджы Хуссар федералон зылды чемпионаты æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерыст
19 февраля 2025, 10:44
Цæгат Ирыстоны командæ ушуйæ рамбылдта 106 хæрзиуæджы Хуссар федералон зылды чемпионаты æмæ фыццаг бынат бацахсыны ерысты. Турнир уыд Майкъопы. Ерысты архайдта 600 спортсменæй фылдæр Хуссар федералон зылды 8 регионæй. Хатдзæгтæм гæсгæ нæ республикæ бацахста дыккаг командон бынат. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.