
Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 08.02.2025
8 февраля 2025, 10:43
Адæмон фронты эксперттæ рацыдысты радон бæрæггæнæн куыстмæ. Ацы хатт бабæрæг кодтой Æрыдоны, Дыгуры æмæ Æрæфы районтæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты байгом мультимедийон проект "Лица Кавказа"-йы фыццаг равдыст. Баст у Цæгат Кавказы адæмты культурон хæзнатимæ æмæ ныры дугимæ. Мæздæджы арæзт æрцыдысты эстетикон гимнастикæйæ фыццаг бынат бацахсыны ерыстæ. Суазæг кодта эстетикон гимнастикæйæ турнир "Зимняя каруселы" архайджыты.