
Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы уыд форум "ПРО СПО"
25 марта 2025, 10:32
Дзæуджыхъæуы уыд форум "ПРО СПО". Баст уыд, астæуккаг профессионалон ахуырады системæйыл 85 азы кæй сæххæст, уыимæ. Мадзал иу фæзы баиу кодта Дзæуджыхъæуы æппæт астæуккаг ахуыргæнæндæтты студентты. Архайдтой дæсныйадæвдисæг ахуырты, квестты, сесситы. Профилон министрады куыд загътой, афтæмæй астæуккаг профессионалон ахуырад республикæйы рæзы, азæй-азмæ фылдæр кæнынц бюджетон бынæттæ.