
Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 25.03.2025
25 марта 2025, 09:00
Республикæйы эпидемиологон къæпхæн у 11% къаддæр. Уавæр нывыл кæны. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтыл ныхас цыди аппаратон æмбырды. Мæздæджы сбæрæг кодтой бинонты хъомыладæн æххуысы центр "Амонд"-ы 30 азы юбилей. Уазæгуаты сæм чи æрбацыди, уыдоны хсæн центры раздæры рауагъдонтæ дæр. Уырыссаг академион театры ацыд Островскийы пьесæ "Бесприданница"-мæ гæсгæ спектаклы премьерæ. Ирдæй дзы æвдыст цæуы, фыссæг уацмысы цы æнусон хъуыдытыл дзырдта, уый.