
Вести. Аланийы хабæрттæ Фыдыбæстæйы Стыр Хæст Уæлахизы 80 азы кадæн нæ программæйы дзурæм хæсты хъæбатырты тыххæй
9 апреля 2025, 10:24
Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты Уæлахизы 80 азы кадæн нæ программæйы дзурæм хæсты хъæбатырты тыххæй. Къутæрты бинонтæй фронтмæ ацыд сæ 5 фырты. Дыууæйæ – Темболат æмæ Хъæрæбег сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты. Сослан та йæхиуыл бавзæрста концлагеры хъизæмæрттæ æмæ немыцаг куыстуæтты æххуырсты зындзинæдтæ. Фæстæдæр ын бантыст уацарæй раирвæзын.