
Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыди ирон адæмы истори æмæ культурæйы тыххæй чингуыты автор Таматы Таймуразы сфæлдыстадон изæр
17 апреля 2025, 10:38
Национ наукон библиотекæйы арæзт æрцыди æхсæнадон архайæг, ирон адæмы истори æмæ культурæйы тыххæй чингуыты автор Таматы Таймуразы сфæлдыстадон изæр. Уæлладжыры комы атлæсы автор, хæххон аграрон унивæрситеты ахуыргæнæг сбæрæг кодта йæ 75 азы юбилей. Таматы Таймураз йæ цард сбаста йæ адæмы традицитæ хъахъхъæнын æмæ сæ парахат кæнынимæ.