
Вести. Аланийы хабæрттæ Ногхъæуы культурæйы хæдзары арæзт æрцыд хæрзаудæн концерт
11 апреля 2025, 10:25
Ногхъæуы культурæйы хæдзары арæзт æрцыд хæрзаудæн концерт. Цы фæрæзтæ дзы сæмбырд кодтой, уыдонæй самал кæндзысты дронты æмæ æнæ пилотæй тæхæг аппаратты блокиратортæ, æмæ сæ арвитдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Ногхъæуы цæрджыты зæрдæтæ сæ музыкалон æм хореографион номыртæй барухс кодтой республикæйы зындгонд артисттæ æмæ ансамбльтæ.