
Вести. Аланийы хабæрттæ Кæстæр фæлтæры патриотон хъомыладыл кусын, сæ зондахаст сын фидардæр кæнын
22 апреля 2025, 10:28
Кæстæр фæлтæры патриотон хъомыладыл кусын, сæ зондахаст сын фидардæр кæнын. Уыцы нысан сæ размæ сæвæрдтой Ирон адæмы Уæлдæр советы Æрæфы районы хайады минæвæрттæ. Фыдыбæстыйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы кадæн æмбæлынц районы скъоладзаутимæ, æмæ сын æмбарын кæнынц, уыцы уæззау азты дзыллæтæ цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уый. Сæ радон фембæлд уыд Хæзныдоны Тубеты Сланбеджы номыл скъолайы.