Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Стыр Уæлахизы 80 азы кадæн посты маркæйыл сæрмагонд мыхуыр сæвæрыны мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы

26 апреля 2025, 11:11

Стыр Уæлахизы 80 азы кадæн посты маркæйыл сæрмагонд мыхуыр сæвæрыны мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Архайдта дзы республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Се *ппæтæн дæр раарфæ кодта, Уæлахизы бон кæй æрбахæстæг кæны, уый фæдыл. Куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстон стыр æвæрæн бахаста фашизмыл фæуæлахиз уæвыны хъуыддагмæ. Мадзалы ма архайдтой ветеранты Советы, Иры Стыр Ныхасы æмæ филателистты æхсæнады минæвæрттæ. Посты маркæйыл сæрмагонд мыхуыр сæвæрынц сæрмагонд къæлиндарон штемпелæй.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация