Вести. Аланийы хабæрттæ Тускъаты Таймураз паспорттæ радта "Фыццæгты змæлд"-ы активисттæн
12 декабря 2024, 10:37
Уæрæсейы Конституцийы боны агъоммæ республикæйы парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз паспорттæ радта "Фыццæгты змæлд"-ы активисттæн. Æппæтæй ахсджиагдæр документимæ ма 15 скъоладзауы ноджыдæр райстой Конституцийы фæйнæ экземпляры. Парламенты сæрдар фæсивæдæн арфæ ракодта ацы кадджын цауы фæдыл. Йæ зæрдæ сын загъта, цæмæй нæ бæстæйæн уой аккаг адæм æмæ сæ къухы бафта стыр æнтыстдзинæдтæ.