Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Мариинаг театры филиалы фойе сфидауын кодта цымыдисаг заз бæлас

18 декабря 2024, 11:12

Мариинаг театры филиалы фойе сфидауын кодта цымыдисаг заз бæлас. У "Уæрæсейы заз бæлæсты" коллекцийæ. Концепцийы баиу сты ирон æмæ уырыссаг культурæйы архайджыты бинонты традицитæ. Ног азы бæлас саив кодтой Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Хъесаты Мараты куыстыты мотивтæй, Национ музейы керамикон экспонатты къопитæй. Уымæй дарддæр ыл фенæн ис традицион адæмон костюмы элементтæ, рагон хъазæнтæ, хъæдæрмæгæй нывæфтыдтæ. Аивгæнæнтæ саразыныл бакуыстой хъуыстгонд декоратортæ, дизайнертæ æмæ флористтæ. Проект арæзт у сæрмагондæй нæ бæстæйы культурон бынтæ бахъахъхъæнынæн, стæй æрмдæсныйады хуызтæ парахат кæныны тыххæй. Заз бæлас "Ирыстоны ахорæнтæ" ирдæй æвдисы нæ республикæйы национ æууæлтæ. Проект "Уæрæсейы заз бæлæстæ" сарæзта Мариинаг театр. Баххуыс ын кодта культурон хъæппæристы Президентон фонд. Ирон заз бæлас фенæн уыдзæн 14-æм январы онг.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация