Вести. Аланийы хабæрттæ Æхсæнадон барадыл æмæ адæмы æдасдзинадыл ног азы бæрæгбæтты рæстæг æрныхас кодтой терроризмы ныхмæ къамисы
Æхсæнадон барадыл æмæ адæмы æдасдзинадыл ног азы бæрæгбæтты рæстæг æрныхас кодтой терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы иумæйаг æмбырды. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. 20-æм декабрæй 14-æм январы онг нæ республикæйы арæзт æрцæудзæн 800 бæрæгбоны мадзалы. Цыппурсы бæрæгбоны 5-7-æм январьмæ мадзæлттæ цæудзысты 38 аргъуаны. Барад хъахъхъæныныл архайдзысты мидхъуыддæгты оргæнты 500 кусæджы, Уæрæсейы гвардийы 100 минæвары, стæй ма 100 адæймаджы хицæн хъахъхъæнæн организацитæй. Бирæ адæм кæм æмбырд кæнынц, уыцы бынæттæ рагагъоммæ иртасдзысты кинологтæ. Уæлдай æргом аздахдзысты фæндаггон змæлды æдасдзинадмæ. Сергей Меняйло бæрнон кусджытæн бабар кодта бархион адæмон дружинæтæ æмæ хъазахъхъæгты бафтауын æхсæнадон æдасдзинадыл кусыныл. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæн та бабар кодта, куы бахъæуа, уæд хъармгæнæн пункттæ байгом кæнын, æмæ алыхуызон фыдбылызтæй бахъахъхъæныныл бакусын.