Вести. Аланийы хабæрттæ Тахъазты Фидарыл æххæст кæны 65 азы
4 февраля 2025, 10:37
Ирон æвзаджы хæзнадон фæхъæздыгдæр кæныныл чи кусы, уыдонæй иу у зындгонд ахуыргонд, ирон æвзаджы æнувыд иртасæг, бирæ зонадон куыстыты автор Тахъазты Мæхæмæты фырт Фидар. Абон ыл æххæст кæны 65 азы. Æфсæрмдзаст абоны ахуыргонд, зноны Лескейнаг лæппу Тахъазты Фидар йæ царды хабæрттæ адæмы размæ хæссын нæ уарзы.