
Вести. Аланийы хабæрттæ Мæздæджы арæзт æрцыд "Æфсæддон квиз" районы скъолаты æмæ училищæты ахуырдзаутæн
12 марта 2025, 15:54
Фыццæгты Змæлды координаторты хъæппæрисæй Мæздæджы арæзт æрцыд "Æфсæддон квиз" районы скъолаты æмæ училищæты ахуырдзаутæн. Интеллектуалон хъазт сæмбырд кодта 10 командæйы. Фæсивæд сæ зонындзинæдтæ æвдыстой райдиан æфсæддон цæттæдзинадæй, æфсæддон дзырдуатæй, хæцæнгарз зонынæй. Хъазты уыди 4 раунды. Алкæцыйы фæстæ дæр бæрнон жюрийы уæнгтæ нымадтой баллтæ.