
Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 01.03.2025
1 марта 2025, 08:00
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд барад хъахъхъæныны фæдыл координацион советы æмбырд. Йæ архайджытæ æрныхас кодтой æхсæнадон транспорты æмæ хъалонтыл. Джызæлы скъола-интернаты æнтыстджынæй æххæстгонд цæуы бындурон цалцæг. Ног кæнынц инфраструктурæ, коммуникацитæ. Специалисттæ базылдысты ахуырадон кабинеттæм дæр. Мæздæджы арæзт æрцыд аивадон гимнастикæйæ æрвылазон республикон турнир "Надеждæ". Архайдтой дзы 400 адæймагæй фылдæр. Се ппæт дæр равдыстой иттæг хорз цæттæдзинад.