
Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 05.03.2025
5 марта 2025, 09:00
Черноярскийы станицæйы аграрон-промышленнон техникумы номарæн фæйнæг байгом кодтой рауагъдонтæн – сæрмагонд æфсæддон операцийы æдзард хъæбатыртæн. Ирон æвзаг æмæ литературæйæ олимпиадæйы республикон къæпхæн цæуы ахуырадон центр "Вершина"-йы. 9-æм-11-æм кълæсты ахуырдзаутæ сæ зонындзинæдтæ бæлвырд кæнынц 2 боны. Спорты бæрзæндтæм. Дзæуджыхъæу суазæг кодта Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты фыццаг бынат бацахсыны турнир хоккейæ. Ихын аренæйы ерыс кæнынц 12 азы онг спортсментæ.