
Вести. Аланийы хабæрттæ Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу – Ураза-Байрам
1 апреля 2025, 10:29
Пысылмон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц сæ сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу – Ураза-Байрам. Нысан кæны, комдарæны мæй Рамадан кæй фæци, уый. Республикæйы мæзджытты алы райсом дæр арæзт æрцæуы не сфæлдисæгмæ иумæйаг скуывд – бæрæгбоны намаз. Традицимæ гæсгæ ацы бон бæрæг кæнынц хæдзæртты, хиуæтты æмæ хæлæртты хсæн. Адæм кæрæдзимæ фæцæуынц арфæтæ æмæ лæвæрттимæ.