
Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 28.03.2025
28 марта 2025, 09:00
Лæгдзинады урок арæзт æрцыд республикæйы хæлардзинады Хæдзары. Уæрæсейы гвардийы цæгатирыстойнаг управленийы кусджытæ фæсивæдæн радзырдтой службæйы хицæндзинæдты тыххæй. Сыгъдæг горæт. Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуынц зиутæ. Дзæуджыхъæуы уал бафснайдтой чысыл Доны станцæйы территори, Металлургты Галуаны сквер. Æфснайынц горæты æндæр хæйтты дæр. Тыхджындæрты хсæн. Республикæйы иугонд командæ армрестлингæй æнтыстджынæй йæхи равдыста Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерысты.