
Вести. Аланийы хабæрттæ Дур-Дуры Сагкаты Оледжы номыл 1-æм скъолайы байгом кодтой мемориалон фæйнæг
22 февраля 2025, 09:59
Дур-Дуры Сагкаты Оледжы номыл 1-æм скъолайы байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Олегæн йæ цард аскъуыд, æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Олег уыд 2-æм скъолайы рауагъдон. Фæлæ хъæбатыр хæстон йæхæдæг цы ахуыргæнæндон каст фæци, уый ныртæккæ реконструкцигонд цæуы. Уымæ гæсгæ 1-æм скъолайы разамынд бауынаффæ кодтой мемориалон фæйнæг сæ ахуыргæнæндоны байгом кæнын. Олег адæмы уарзта, æмæ йæ уыдоны фарн дæр уыд.