
Вести. Аланийы хабæрттæ Культурæйы бон, театры æппæтадæмон боны агъоммæ уырыссаг академион театры уыд экскурси "Театральное закулисье"
27 марта 2025, 10:54
Культурæйы бон, театры æппæтадæмон боны агъоммæ уырыссаг академион театры уыд экскурси "Театральное закулисье".4-æм профессионалон лицейы ахуырдзаутæ бабæрæг кодтой, куыд фæзæгъынц, тетары æппæты сæйрагдæр бынат – фæскулистæ. Сæхи цæстæй федтой сфæлдыстадон æрмадзтæ, актерты сурæттæ кæм фæаразынц, сценикон уæлæдарæс, декорацитæ æмæ бирæ æндæр цымыдисаг хъуыддæгтæ.