
Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны бавнæлдтой Архонкæйы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтадмæ
13 марта 2025, 10:29
Цæгат Ирыстоны бавнæлдтой Архонкæйы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтадмæ. Специалисттæ сараздзысты транспортæн цыппаррæнхъон уæрæх фæндаг. Сæ дæргъ уыдзæн 7 мин километрæй фылдæр. Ныртæккæйы фæндаг арæзт æрцыд 40 азы размæ, æмæ абоны бирæ машинæты цыдæн дзуапп нал дæтты. Ног трассæ та уыдзæн нырыккондæр æмæ æдасдæр. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæстондæр.