
Вести. Аланийы хабæрттæ Уалдзæджы ралæудимæ райдыдтой зиутæ аразын
13 марта 2025, 10:31
Уалдзæджы ралæудимæ райдыдтой зиутæ аразын. Афтæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславы хъæппæрисæй горæты Галиуфарсы ацыд фыццаг зиу. Хур йæ хъарм тынтæй рæвдауы, фæлæ уыцы-иу рæстæг, разындысты, фæззæгæй чи баззади, ахæм хус сыфтæртæ, æмæ æнæфснайд бынæттæ.