
Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы байгом сыгъдæг хъизæмаргæнæг Иоанн Æфсæддоны номыл аргъуаны уæллаг кувæн бынат
14 марта 2025, 10:32
Дзæуджыхъæуы байгом сыгъдæг хъизæмаргæнæг Иоанн Æфсæддоны номыл аргъуаны уæллаг кувæн бынат. Аргъуан арæзт æрцыд 2012-æм азы, архитектор Сергей Гончаровы проектмæ гæсгæ. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ аргъуан фæзынд, чырыстон дины кадджын минæвар Зæронд Илийы арфæйæ. Ног кувæн бынат кусы алы бон дæр 8 сахаты æмæ 30 минутæй изæры 6 сахатмæ.