
Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстонæй Стыр хадзы ацæуын ацы аз сæ бон бауыдзæн 140 уырнæг адæймагæй фылдæрæн
14 марта 2025, 10:33
Цæгат Ирыстонæй Стыр хадзы ацæуын ацы аз сæ бон бауыдзæн 140 уырнæг адæймагæй фылдæрæн. Ныридæгæн балæвæрдтой 80 курдиатæй фылдæр, фехъусын кодта пысылмæтты Управленийы сæрдар, республикæйы муфтий Гуæцæлты Хадзымурат. Хадз – у пысылмон дины сæйрагдæр хъуыддæгтæй иу, Меккæ æмæ Мединæмæ балц. Сæйрагдæр æгъдæуттæ скæнынц, хох Арафаты лæууыны бон.