
Вести. Аланийы хабæрттæ Национ наукон библиотекæйы байгом Æлборты Амыраны хуызистыты авторон равдыст "Наследие".
29 марта 2025, 10:23
Национ наукон библиотекæйы байгом Æлборты Амыраны хуызистыты авторон равдыст "Наследие". Проект дзурæг у Цæгат Ирыстоны культурон æмæ историон объектты тыххæй. Алы къамы дæр ис QR-код бæлвырд хъусынгæнинагимæ. Проект æххæстгонд æрцыд фæсивæды хъуыддæгты Федералон агентады гранты æххуысæй. Æлборты Амыранæн ныридæгæн дæр уыди авторон равдыст "Царды мидæг". Бацæттæ йæ кодта 2 азы размæ.