
Вести. Аланийы хабæрттæ Æхсæрысæрæй æмæ Кæлухæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыд 121 адæймаджы, уыдонæй сæ фыдыуæзæгыл сæмбæлдысты æрмæстдæр 70-йæ
29 марта 2025, 10:19
Хъæбатыртæ нæ мæлынц. Æхсæрысæрæй æмæ Кæлухæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ацыд 121 адæймаджы. Уыдонæй сæ фыдыуæзæгыл сæмбæлдысты æрмæстдæр 70-йæ. Се ппæты номыл дæр 1975-æм азы хъæуы фæзынд цыртдзæвæн. Рæстæджы цыдимæ йæ бахъуыд рацаразын, æмæ ныртæккæ уыцы куыст цæуы.