
Вести. Аланийы хабæрттæ Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы æмбырд
22 февраля 2025, 09:53
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы æмбырд. Ныхас цыд нæ республикæйы территорийы терроризмы æмæ экстремизмы уавæртæ не руадзыныл, ахсджиаг объекттæ бахъахъхъæныныл стæй бæрæгбæттæм бацæттæ кæныныл. Бæрнон ведомствотæ рахиздзысты карздæр куысты фæткмæ. Сергей Меняйло уæлдай æргом аздæхта æвæстиаты службæты цæттæдзинадмæ.