
Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 22.02.2025
22 февраля 2025, 08:00
Александр Пушкины номыл Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ацыд кадджын линейкæ. 18-æм скъолайы минæвæрттæ ахуыргæнæндонмæ æрбахастой "Уæлахизы арт". 21-æм скъолайы та уыд "Хъæбатырдзинады урок". Арæзт æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн. Сæйраг нысан – фæсивæдмæ патриотон æнкъарæнтæ гуырын кæнын. Республикæйы хæлардзинады хæдзары фæсивæдæн фембæлд уыди Цæгат Кавказы фысджытимæ. Баст уыди мадæлон æвзаджы æппæтадæмон бонимæ.