
Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ацыд кадджын линейкæ
22 февраля 2025, 09:57
Александр Пушкины номыл Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ацыд кадджын линейкæ. 18-æм скъолайы минæвæрттæ ахуыргæнæндонмæ æрбахастой "Уæлахизы арт". Акци баст у Стыр Уæлахизы 80 азы бонимæ. Баиу кодта республикæйы скъолатæ. 7-æм скъолайы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой тематикон программæ. Кадджын линейкæйы æфсæддон оркестры зæлтимæ рæзгæ фæлтæр рахастой Уæрæсейы тырыса. Бакастысты æмдзæвгæтæ æмæ азарыдысты хæстон зарджытæ.